Тибы бæрæг кæнынц Таранджелосы бæрæгбон

Поделиться
HTML-код
  • Опубликовано: 23 сен 2020
  • Хистæртæ кувынц, цæмæй сын Хуыцау хорз тыллæг радта. Таранджелос у ирон адæмы æппæты кадджындæр бæрæгбæттæй иу. Таурæгъмæ гæсгæ бæрæгбон фæзынд, Батрадзы мардыл Хуыцау йе ’ртæ цæссыджы куы æрæппæрста, уæд. Кæм æрхаудысты, уыцы рæтты фæзындысты æртæ дзуары: Мыкалгабыртæ, Реком æмæ Таранджелос. Таранджелос бæрæг кæнынц Тибы. Ссæуынц æм Тибæй рацæуæг адæм. Уыдонæй сæ иу у Кучиты мыггаг.
    Цымыдисаг у, ацы бæрæгбон куыд бæрæг кæнынц, уый дæр. Фарон рад æрхауд Кучиты мыггагмæ. Ацы аз та йæ бæрæгбоны фысымтæ уыдысты Къадзтæ.
    Таранджелосы бæрæгбонæй уæлдай ма абон куывтой Мыкалгабыртæ æмæ Рекоммæ дæр. Æртæ дзуарæй дæр адæм куырдтой хорз тыллæг, бæркад æмæ бинонты фарн.
    Æртæ табуйаг дзуармæ: Таранджелос, Мыкалгабыртæ æмæ Рекоммæ, алы аз дæр бакувынц сентябры æртыккаг цыппæрæмы. Æмæ алы хатт адæм æрæмбырд вæййынц, цæмæй Хуыцаумæ æртыгай чъиритæ æмæ кусæрттагæй бакувой.
    _________________________
    Мы рядом в:
    irystontv
    irystontv
    / irystontv
    irystontv
    ok.ru/irystontv

Комментарии • 2

  • @user-sg3tu4vk1f
    @user-sg3tu4vk1f 16 дней назад

    Говорили в Тибе построят лечебницу,ведь приезжали из Москвы специалисты и доказали что тибская вода-источник сильнее даже Трускавецкого источника,и ничего,конечно не делается,как всегда в Осетии.

  • @user-wf8cm8kq4t
    @user-wf8cm8kq4t Год назад

    Тибы наеу. Туалгомы у ТАРАНДЖЕЛОС 🤦‍♂️