Зианы хæрнæг I Нысантæ

Поделиться
HTML-код
  • Опубликовано: 24 май 2024
  • Рæстæг куыд цæуы, афтæ алы адæмы хатты æгъдæуттæ дæр ивддзинæдтæ æййафынц. Ирæттæн дæр - афтæ.
    Фæлæ, æвæццæгæн, æппæты каддæр йæ бон нæ цæуы нæ зианы кæндтыл.
    Нæ фыдæлты амындмæ гæсгæ сæ абон дæр æххæст кæнæм. Нæ радон равдыст «Нысантæ»-йы хæрнæг æмæ музыкæйы фæтк, адæймаджы йе ‘цæг дунемæ фæндараст кæнгæйæ.
    _________________________
    Мы рядом в:
    irystontv
    ok.ru/irystontv
    / irystontv
    zen.yandex.ru/irystontv
    t.me/irystontv

Комментарии • 12

  • @user-py9tv8cy6e
    @user-py9tv8cy6e 22 дня назад +3

    Такка бира хистарта дар ницы зонынц , кастарты кой та нал канын ! Агъдау амбарынц куыд бафтъарын ама нынцъухын

    • @rozaplieva6062
      @rozaplieva6062 22 дня назад

      Ныртакка хистарты бынаты сты,хасты сываллатта чи уыдис уыдоны кастарта,90 ам азты 35-50 кауыл цыдис уыдон сты ныртакка хистарты бынаты,Ама цыл уый тыххай бынтон зардахудт най….фала уый уыцы бар на дары ама бынтон сисам на кьух агьдауттыл,фала абоны бон Ирыстоны хистай скодтой культ….аз Ирыстоны ваййын 2-3 майы 27 азы даргьы,ама ма сарыл ныххацын бира хабарттыл….

    • @user-sj8mh2xw2i
      @user-sj8mh2xw2i 21 день назад

      Зианы ӕгъдӕуттӕ бирӕтӕ хъӕугӕ дӕр нал кӕнынц, фӕлӕ мӕныл ма фехӕла, зӕгъгӕ, кӕнынц. Зӕрдӕвӕрӕн дӕр афтӕ, майы мӕй йӕ ном хӕссы. Куы йӕ нал кӕниккой, уӕддӕр дзы аиппӕй ницы ис, Зӕрдӕвӕрӕны мӕйы бӕсты майы мӕй уӕлахизы мӕй куы схониккой, уӕддӕр рӕдыд нӕ уаид

    • @user-fn5sz1so7f
      @user-fn5sz1so7f 18 дней назад

      @@user-sj8mh2xw2i зӕгъӕм, кӕцы нал хъӕуы?

  • @user-sj8mh2xw2i
    @user-sj8mh2xw2i 22 дня назад +4

    Уӕ цӕрӕнбон бирӕ. Ахӕм равдыстытӕ арӕхдӕр ӕвдисут, кӕд кӕстӕртӕ фылдӕр зониккой

  • @user-py9tv8cy6e
    @user-py9tv8cy6e 22 дня назад +4

    Пьянка нас опустила туда , куда ниже некуда

    • @user-kh1bk7sv8d
      @user-kh1bk7sv8d 21 день назад

      Пьянка тут ни при чём. На сильно в глотку никто никому никогда не заливает. Все зависит от самого утопающего в алкоголе, а потом начинаются отговорки.

    • @AlfaOmega304
      @AlfaOmega304 15 дней назад

      Не только пьянка, но и дикость. 400 лет изоляции, из которых 300 лет, полная изоляция от мира сделала из дикарей. Народы которые в своём уме кормят не мёртвых а живых.

  • @user-kh1bk7sv8d
    @user-kh1bk7sv8d 21 день назад +2

    Хъӕрӕй пысылмӕттӕм гӕсгӕ нӕ дзурынц зианы митингы, фӕлӕ хохы цӕрджытӕ хъӕрӕй дзурын ахуыр уыдысты кӕддӕриддӕр. Хохы, кӕмтты адзух дымгӕ кӕны ӕмӕ уӕлӕмӕ куы дзурай уӕд ныхас дымгӕ дӕлӕмӕ хӕссы. Стӕй уӕллаг хъӕуӕй дӕллаг хъӕумӕ, кӕнӕ уӕлӕсыхӕй дӕлӕсыхмӕ хъӕр кодтой, кӕрӕдзимӕ исты дзургӕйӕ, цӕмӕй къӕдзӕхтыл уӕлдай хатт тӕссагӕй ма цӕуой.
    Хъӕрӕй кӕуын ӕмӕ хи тонын дӕр пысылмӕттимӕ баст нӕу. Кӕй зиан уа ӕмӕ куыдӕй фӕмӕрд адӕймаг уымӕй бӕлаылд кодта, хъӕрӕй кӕуын ӕмӕ хи тонын.
    Ӕрыгоныл кӕд фӕнды дӕр тынгдӕр, фылдӕр ӕмӕ хъӕрдӕрӕй куыдтой бинотнӕ дӕр ӕмӕ хъарӕггӕнджытӕ дӕр. Ацӕргӕ зиан иу куы уыд, цард чи фӕдта ӕмӕ йӕ фӕстӕ дзӕбӕх бинонтӕ, кӕстӕртӕ чи ныууагъта уӕд та иу мынӕгдӕр куыд кодтой, зӕгъгӕ уый йӕ фаг фӕцардис, цард федта.
    Алкӕуыл дӕр нӕ хорзхабӕрттӕ цӕуӕд🙏

    • @user-fn5sz1so7f
      @user-fn5sz1so7f 19 дней назад

      Дзурӕг дӕр афтӕ куы загъта. Хохӕгтӕ хъӕрӕй дзураг, быдыры-сабырдӕр

  • @user-yo7mr3xv5n
    @user-yo7mr3xv5n 20 дней назад

    Вам надо читат Библию чтобы вы познали Истину

  • @user-kh1bk7sv8d
    @user-kh1bk7sv8d 21 день назад

    Хӕйттӕ иу раздӕр ӕвӕрдтой рынчынӕн, кӕнӕ хистӕр адӕмӕн хиуӕттӕй, мыггагӕй, йӕ бон мӕрдзыгой ацӕуын кӕмӕн нӕ сси, стӕй ма сыхӕгтӕй дӕр рынчын карлӕг куы уыди уӕд, цӕмӕй бынаты рухс зӕгъа зианӕн.
    Ныр та фынгӕй нӕма сыстынц афтӕмӕй райданынц хӕйттӕ ӕвӕрын, шофырӕн, кӕцы фынгыл фӕбады, стӕй фылдӕр хатт ӕхцайыл аласы зианджынты. Ноджы ма автобусы шофырӕн гаражмӕ, мӕрдцыгойӕн хӕдзармӕ, стӕйма йӕ сыхӕгтӕн, стӕй йӕ 'мкусджытӕн ӕмӕ афтӕ иу машинӕйы 9-10 дзӕкъулы ӕвӕрд ӕрцӕуы.
    Уый у худинаг бӕргӕ, зианы фынгӕй афтӕ хӕссӕнтӕ кӕнын..... Фӕлӕ куыд фӕзӕгъынц "МАРД УДЫГӔСТӔН ХӔРИНАГ"