Василий Кудухти- Фыды маст

Поделиться
HTML-код
  • Опубликовано: 3 янв 2025

Комментарии • 1

  • @_khubik_8305
    @_khubik_8305  Год назад

    Мæ цæссыг къæвдайау уары ,
    Мæ зæрдæ та арвау нæры.
    Хъуырмæ схæццæ абон хъарæг,
    Æнкъардæй хъуысы мæ зарæг.
    Нæрай скæнæд уыцы фæззæг,
    Чи нын скодта уыцы рæстæг?
    Æз æрдаг фæдæн дæ фæстæ.
    Æз дау царды бирæ куы уарзтон!
    Аз, мæ хъæбул, царды мидæг,
    Фæхæсцынæн дæ зындзинад.
    Æз алкæмæй дзуап курдзынæн,
    Никæмæн æй ныппардзынæн.
    Иры зæхх кæуы, дзыназы
    Фыды зæрдæ нал фæразы,
    Цæссыр басур ис дæ мадæн,
    Саутæ скодтой Иры адæм.
    Хъусын дын хъæбул дæ ныхас:
    "Дойны мын у , дом мын рахас"
    Уыцы бон нæ къухтæ сбастой.
    Донтæ не`знæгтæ нæ уарстой!
    Ныр кæмæн кæндзынæн цума,
    Нал дæ абон ды мæ цуры.
    Чи ма лиддзæни мæ фæдыл ,
    Чи ма худдзæн Иры зæххыл?!
    Аз, мæ хъæбул, царды мидæг,
    Фæхæсцынæн дæ зындзинад.
    Æз алкæмæй дзуап курдзынæн,
    Никæмæн æй ныппардзынæн