Ӕлборты Владимир (Бетховен) - Сӕнттӕ

Поделиться
HTML-код
  • Опубликовано: 3 май 2024
  • Арвӕй стъалытӕ фӕкӕсынц, урс-урсит *уӕраччытау.
    Дзаг сыкъа мӕйӕн йӕ тынты, баназынӕй урс сӕнау.
    Арв *гуыдын *чыргӕдау фестад, зарынц стъалытӕ дӕуау.
    Мӕйӕ мын бӕрзонддӕр рухстӕ,
    мысын дӕ ӕхцон фынау.
    Сты дӕ сау цӕстытӕ хуртӕ, бандзӕрстой мӕ удыл арт.
    Оу куы батаин сӕ мидӕг, уӕд ӕз нал кӕнин ӕнкъард.
    Ратт ма мын дӕ фӕлмӕн зӕрдӕ, мин *мырон фӕндырау раст.
    Знонӕй зон нӕ сыгъдӕг удтӕ, сты уӕларвон *тӕгтӕй баст.
    Ахӕссы мӕ урс базыртыл, тар хъӕдмӕ мӕ уарзты рис.
    Уым рӕсугъд ӕрдзы хъӕбысы, базмӕлы мӕ къухы *сис.
    Бӕлӕстӕ, нӕртон уадындзтау, бафтауынц мӕныл *ӕрдис.
    Тулдз бӕлас, *хъӕлӕрдзы суадон, ам цы нӕ диссӕгтӕ ис.
    Ам цыма ныссагъды уыди, талатӕ, хъӕлӕрдзытӕ.
    Байхъус ма сӕдӕгай мӕргътӕ, *уафынц хъӕлдзӕг зарджытӕ.
    Бадынцыл .???..., урс нымӕт хус зокъотӕ.
    Цыма апырх 'сты нӕуыл, уӕрыччытӕ-*кокотӕ.
    Хъулон-мулон дидинджытӕ, систой нӕуыл кафынтӕ.
    Райдыдта сыгъзӕрин суадон, цин уылӕнтӕй зарынтӕ.
    Фестадысты цъӕх сыфтӕртӕ, иууылдӕр *къӕрцгӕнджытӕ.
    Булӕмӕргъ чындздзон *фӕлысты,
    ӕрцӕуынц ӕм чындзхӕсджытӕ.
    Суадон, суадон, рырвонг мӕ кӕн, на уӕд тынг фӕрасыг дӕн.
    Уыцы чызгмӕ ӕз цы кӕсон, уарзон ын нӕ ратдзынӕн.
    Хъӕды бардуаг баххуыс мын кӕн, дард фӕсур мӕ тар фынтӕ.
    Нӕ уад мын мӕ риссаг зӕрдӕ,
    *бадомдзысты уарзт *рынтӕ.
    Ӕмӕ диссаг, хъӕды къохӕй, раздӕхтӕн мӕ урс бӕхыл.
    Систон дӕ уӕлӕмӕ *саргъмӕ,
    ахастон дӕ рухс зӕххыл.
    Ӕмӕ иумӕ, ӕз дӕ риумӕ, мах дыууӕйӕ уарзты фын.
    Скодтай мын мӕ удӕн хинтӕ, ӕмӕ айсӕфт азты фӕд.
    *Уæрыкк - (мн. уæрыччытæ) барашек, ягнёнок.
    *Гуыдын - большой круглый хлеб, пирог (на пиршествах).
    *Чыргъӕд - 1) корзина из прутьев; короб, коробка; ящичек; 2) улей; мыды чыргъæд пчелиный улей..
    *Мыр - звук.
    *Таг - мн. тæгтæ) 1) зона, полоса; линия; 2) жила; 3) верёвка; 4) нить; 5) волокно; 6) гребень (горы); 7) роща, полоса леса (продольная); кæрдоты таг полоса грушевых деревьев.
    *Сис - перо.
    *Ӕрдис?, диссаг - чудо.
    *Хъӕлӕрдзы - Смородина.
    *Уафын - ткать, плести.
    *Коко (рӕвдауӕг ныхас) фӕхонынц гыццыл уӕрыкк.
    *Къӕрцгӕнӕг - колокольчик (растение).
    *Фæлыст -1. разодетый разг., нарядный; 2. 1) убор, убранство, наряд; хъæд йæ сырх фæлыст калы роняет лес багряный свой убор (Пушкин); 2) пара (одежды); 3) комплект.
    *Бадомын -1) потребовать, затребовать; 2) усмирить, укротить; 3) истомить, замучить, измучить, извести.
    *Рын - разг. болезнь; эпидемия; мор.
    *Саргъ - (мн. сæргътæ) седло; саргъы бæх верховая лошадь.
    P.S Бирӕ ныхӕстӕ нӕ равзӕрстон. Хатыр.
    дæхи бафысс: t.me/ironzarjyta
    нæ канал ютубы / @iron_zarjyta

Комментарии • 4

  • @Iron_zarjyta

    Арвӕй стъалытӕ фӕкӕсынц, урс-урсит *уӕраччытау.

  • @user-tb8ko9hb3w

    Долгих лет жизни вам,здоровья и благополучия!! Осетии Славные сыны!!❤🎉🎉🎉

  • @user-qr6je3hx6l

    Вперёд братишка удачи тебе