Ким Суанов - Изӕрӕй

Поделиться
HTML-код
  • Опубликовано: 20 май 2023
  • Изӕрӕй - Ким Суанов
    слова: Алихан Токаты
    музыка: Слава Гаглоев
    Хъæдмæ мæ тагъддæр фæцæуын фæнды -
    Зарæг цъиу диссаджы зарæг кæны
    Хъæды изæрæй
    Бæласы сæрæй...
    Булæмæргъ, булæмæргъ, ма фæтæх дард,
    Ма фæтæрс, ма фæтæрс, бæласыл бад.
    Азар мын, цæй,
    Ма тæрс мæнæй...
    Зæрдæ æнцадæй ныр - хъæлдзæг, æнкъард,
    (Продолжить)
    Диссаджы зардæй мæ зæрдæ æрцард.
    Хъусын, лæууын,
    Худын, кæуын...
    Азар мын, азар мын, булæмæргъ, цæй!..
    Райдæй та, райдæй та тагъддæр, хъæрæй.
    Ма уадз дæ зард,
    Ма бад æнцад.
    Дидинæг, дидинæг, ракал дæ тæф,
    Диссаджы тæфæй ды дзаг кæн уæлдæф.
    Рæз мын ды дæр,
    Тæф кæн фылдæр.
    Хæхтæй фæтулы, фæтулы нæ хур...
    Азар-ма, азар-ма, цæй, ды, мæ хур,
    Уæ, цъиу, мæ бон.
    Æз ныр кæуон...
    Хæхтæй нæ хур дæр бынтондæр ныттылд.
    Мигъ ма сырх-сырхид йæ сæрмæ фæзынд.
    Тулын æз дæр
    Хъæды дæлдæр.

Комментарии • 1

  • @user-xs7fn4xc3m
    @user-xs7fn4xc3m 14 дней назад

    Прекрасному человеку, актёру, певцу Киму Суанову, Светлая благодарная память!